Уӕрӕсейы президент ныццыд Пекинмӕ, цы ран хайад райсдзӕн Олимпиадӕ бакӕныны церемонийы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ныхӕццӕ Китайы сӕйраг горӕтмӕ, цы ран ын ацӕудзӕн фембӕлд КАР раздзог Си Цзиньпинимӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости.
Президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков раздӕр куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй дыууӕ бӕстӕйы сӕргълӕуджыты фембӕлд ацӕудзӕн майрӕмбоны 15.00 сахатыл мӕскуыйаг рӕстӕгмӕ гӕсгӕ, Олимпиаг хъӕзтыты байгомы агъоммӕ.
Уый ма ноджы фехъусын кодта, бадзырдтӕ кӕй хӕсдзысты ӕххӕстформатон характер. Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсе ӕмӕ Китайы президенттӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты ӕхсӕнадӕмон проблематикӕйыл, се ‘хсӕн Уӕрӕсейы диалог АИШ ӕмӕ НАТОимӕ, ӕдасдзинады гарантитӕ ӕмӕ ӕнд.