Хуссар Иры санитарон уагдоны загътой COVID-19 фӕдыл ног бӕрӕггӕнӕнтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕ COVID-19 сбӕрӕг кодтой 106 адӕймагӕн, фехъусын кодтой Sputnik дыццӕджы Югосетпотребнадзоры.
"Комитеты лабораторийы сарӕзтой 320 тесты. Уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 106", - загътой цӕстдардон уагдоны.
Иу суткмӕ медицинон хыгъдӕй систой 70 пациенты, кӕцытӕ сӕнӕниз сты коронавирусӕй. Медикты хъусдарды ма сты 2216 рынчыны.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 11 095. Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 64 564 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 13 311 адӕймаджы.
Петроченко Андрей: волонтертӕ ма кӕнынц моралон ӕххуыс дӕр рынчынтӕн