Уӕрӕсейаг ӕфсад Хуссар Иры скуынӕг кодта "диверсантты", кӕцытӕ бабырстой госпитальмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 фев - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Цхинвалы скуынӕг кодтой дзырдӕй диверсантты, кӕцытӕ фӕнд кодтой "бацахсын" госпиталь. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы хистӕр Вадим Астафьев.
Фыдгӕнджыты позициты фӕдыл бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕрмагонд къорд базыдта ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты руаджы. Уый фӕстӕ ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы ӕхсыны бынӕттӕ.
Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ баздӕхтой артиллери "ныхмӕлӕууӕгыл"
Афтӕ ма Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕддонтӕ сӕнӕзианхъом кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ ӕмӕ эвакуаци скодтой сӕ фӕцӕфуӕвӕг ӕмкусӕджы. Хӕстон уавӕртӕ саразынӕн пайда кодтой имитацийы фӕрӕзтӕй, фӕздӕг ӕмӕ ӕнӕифтыгъд хӕстӕрмӕджытӕй.