ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министрад 15 февралы онг адарддæр кодта документты ист бизнес-пректты реализацийæн уæлбарон кредит райсыны фæдыл, хъусын кæны æртыццæджы хицауады пресс-службæ.
Уагдоны минæвар Бибылты Ноннайы ныхæстæм гæсгæ, куырдиæттæ исыны адарддæр баст у уыимæ æмæ бирæ чидæртæ кæй байрæджы кодтой æнæмæнгхъæуæг документтæ æрæмбырд кæнын, афтæ ма республикæйы эпидемиологон уавæры тыххæй, кæцы фæкъуыхцы кодта уагдæтты куыст.
Банысангонд æрцыд, уæлбарон кредит райсыны уавæртæ кæй нæ фæивтой. Куырдиæттæ хъæуы бадæттын экономикон райрæзты министрадмæ, цы ран бизнес-проекттæ рацæудзысты фыццагон равзæрст.
Ӕнæмæнгхъæуæг документты номхыгъд мыхуыргонд ис хицауады сайтыл.