Хуссар Иры иу суткӕмӕ COVID-19 сбӕрӕг ис 90 адӕймагӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕ COVID-19 сбӕрӕг кодтой 90 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг.

"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 254 тесты. Уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 90 иртӕсты. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 100 пациенты", - загъта цӕстдардон уагдоны хистӕр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, медикты хъусдарды бын ма сты 2150 рынчыны.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 11 345.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 65 078 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 13 3495 адӕймаджы.