Ӕвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой 10 майданы Казаны турниры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Ӕвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирыстонӕй рамбылдтой дӕс хорзӕхы ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты "Mad Wave Classic", хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
Турнир, кӕцы ацыд Казаны, ӕрӕмбырд кодта 500 спортсмены Уӕрӕсейы 28 регионӕй. Ерысты ӕнтыстджын архайд скодтой тренер Евгения Терлеевайы хъомылгӕнинӕгтӕ.
"2010-2011 азты гуырд чызджыты хсӕн йӕхи иттӕг хорз равдыста Уалыты Даяна, кӕцы рамбылдта фондз сыгъзӕрин майданы. Даяна бацахста фыццаг бынӕттӕ 50 метры, 100 метры ӕмӕ 200 метры дистанцитыл баттерфляйӕ, афтӕ ма 100 ӕмӕ 200 метры дистанцийыл фӕсонтыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уалыты Даяна
Уымӕй дарддӕр, 2008-2009 азты гуырд спортсменты хсӕн ӕртӕ хатт дыккаг бынӕттыл ацыд Тасойты Арсен – уый расгуыхт 100 метры дистанцийыл уӕгъдибар стилы, 50 ӕмӕ 100 метры дистанцийыл баттерфляйӕ. Ноджы ма уый рамбылдта бронзӕйон майдан 200 метры дистанцийыл уӕгъдибар стилы.
Хуссар Ирыстоны хӕзнадон баххӕст кодта Тыджыты Диана дӕр, кӕцы ссис ӕртыккаг 100 метры дистанцийыл фӕсонтыл.