Режиссер, паддзахадон драмон театры аивадон къуыхдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан Галуанты Людмилайы мысгӕйӕ банысан кодта, ирон театр кӕй фесӕфта Стыр актрисӕйы.
"Йӕ курдиат стыр дамгъӕтӕй ӕрцыд фыст Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны историйы. Куыд поэт афтӕ дӕр стыр фӕд ныууагъта ирон литературӕйы", - загъта режиссер.
Дзудцаты Тамерлан уӕлдай тынг банысан кодта Людмила Графы чызгӕн йӕ уарзондзинад Ирыстонмӕ.
"Афтӕ иу дзырдта, зӕгъгӕ, хъуамӕ Ирыстоны цӕрон, ӕмӕ мӕ зӕгъинӕгтӕ ардыгӕй дзурон. Йӕ уӕлдӕфӕй дам ын хъуамӕ улӕфон ӕмӕ йӕ зӕххыл та цӕугӕ кӕнон", - ӕрымысыд Тамерлан.
Режиссеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Галуанты Людмила ссис дӕнцӕг ӕвзонг актертӕн, ӕмӕ йӕ ныфс ис, уыдоны ‘хсӕн дӕр кӕй фӕзындзӕн йе ’мрӕнхъ курдиаттӕ.