Галуанты Людайы мысгӕйӕ. Адӕмон поэт, Иры иумӕйаг актрисӕ, ирон сылгоймаджы дӕнцӕг

Sputnik
Галуанты Людмилайы гуырахсджын удыхъӕд никӕмӕн хъӕуы бӕлвырд кӕнын, уый йӕ цардӕй, йӕ архайдӕй равдыста, куыд хъӕуы уарзын Райгуырӕн бӕстӕ, равзаргӕ профессийӕ куыд хъӕуы лӕггад кӕнын адӕмӕн. Йӕ хъуыдытӕ та арф ӕмӕ ирдӕй радӕтта йе ‘мдзӕвгӕты. Абон, 14 февралы, у йӕ райгуырӕн бон. Режиссер, паддзхахадон драмон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕ Дзудцаты Тамерлан Людмила Графы чызджы мысгӕйӕ загъта, уый кӕй уыд иумӕйаг Ирыстоны актриса.
"Людмилайы ацыдӕй фесӕфтам Стыр актеры, йӕ курдиат стыр дамгъӕтӕй кӕмӕн ӕрцыд фыст Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны историйы, ахӕм. Нӕ театры актертӕн Людмила уыд дӕнцӕг. Тынг зын у, фыццаг аз ӕнӕ Людмилайӕ кӕй ацӕудзӕн йӕ райгуырӕн бон", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Цӕгат Ирыстон-Аланийы парламенты депутат Уататы Зелимхан загъта, зӕгъгӕ, Галуанты Людмилайы ацыд зынгӕ бандавдзæн Ирыстоны ӕхсӕнадон царды.
"Канд иу ӕмдзӕвгӕ куы райсӕм - "Мӕ Ирыстон", уӕддӕр бӕрӕг у йӕ райгуырӕн бӕстӕ куыд уарзта. Уыцы зарӕг ссис ирон адӕмы гимн, ӕмӕ афтӕ баззайдзӕнис. Людмила уыд ӕцӕг адӕмон поэт, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ӕрцардысты адӕмы зӕрдӕты", - банысан кодта литературон журнлаг "Мах дуг"-ы сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксана.
Галуанты Людмилайы тыххӕй ивгъуыд афоны дзурын зын у. Йӕ ном баст у курдиат, сфӕлдыстад ӕмӕ цардуарзодзинады ӕмбарынадтимӕ.