Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 43 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 43 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 166 тесты. Уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 43 иртӕсты. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 200 пациенты", - загъта цӕстдардон уагдоны хистӕр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, медикты хъусдарды бын ма сты 1523 рынчыны.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 12 165. Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 65 808 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 13 688 адӕймаджы.