Цӕгат Иры ӕрцыд мӕлӕтдзаг ФТЦ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы дыццӕджы изӕры ӕрцыд мӕлӕтдзаг авари. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15-ӕм Регион республикӕйы МХМ ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Къостайы проспектыл сӕмбӕлдысты "Мерседес" ӕмӕ "Лада Калина". Цӕфӕй фӕсарӕйнаг маркӕйы хӕдулгӕ сӕмбӕлд цӕджындзыл. Аварийы фӕстиуӕгӕн шофыр амард бынаты, дыууӕ пассажиры та бакодтой медицинон уагдонмӕ.
"Лада Калина" хӕдтулгӕйы шофыры дохтыртӕ басгарстой цауы бынаты, пассажиры аластой рынчындонмӕ. ФТЦ ӕууӕлтӕ бӕрӕг цӕуынц.