Хуссар Иры иу къуыримӕ ӕрцыд ӕртӕ аварийы – МХМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Республикӕйы фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), фыдракӕндтӕ регистрацигонд не ‘рцыд, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.
Авариты фӕстиуӕгӕн хӕдтулгӕтӕ райстой механикон цӕфтӕ, зианбаййафджытӕ дзы нӕй.
"Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 370 фӕткхалды. Аст шофыры скъӕрдтой автотранспортыл нозтджынӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрндзинадмӕ ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕйы ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй.