Мадæлон æвзаджы ӕхсӕнадӕмон боны Цхинвалы 12-æм сывæллæтты цæхæрадоны сæргълæууæг Коцты Нуну лæмбынæг æрдзырдта ирон æвзаджы реалитæ æмæ сомбоныл.
Коцты Нунуйы хъуыдымæ гæсгæ, ирон æвзаг ахуыр кæныны программæ у æххæст.
Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хорз уаид, сывæллæттæн мультфильмтæ иронау куы саразиккой, уæд.
"Фæстаг æзты сабиты дзырд фæивта хуыздæрæрдæм. Дзурынц куыд уырыссагау, афтæ иронау дæр", - радзырдта Коцты Нуну.
Сывæллæтты цæхæрадоны сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, уый баст у, 2013 азы ист ирон æвзаг ахуыр кæныны программæмæ гæсгæ кæй райдыдтой кусын, уыимæ.
"Чысыл къуылымпы кæнæм, уымæн æмæ нæм нæй алкæцы предметæй дæр цæстуынгæ уæлæмхас æрмæг", - банысан кодта уый.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.