Мадæлон æвзаджы æхсæнадæмон бон

Sputnik
21 февралы дунейы нысан кæнынц æхсæнадæмон мадæлон æвзаджы бон. Хуссар Ирыстоны кæд дыууæ паддзахадон æвзаджы ис - ирон æмæ уырыссаг - уæддæр мадæлон æвзаг у иу. Ирон æвзаджы реалитæ æмæ сомбоныл радио Sputnik студийы æрдзырдта Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ.
Ахуыргæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, ирон æвзаг ахуыр кæныны программæ у æххæст æмæ дæтты дзуапп нырыккон домæнтæн. Уый ма банысан кодта, сывæллæттæ уырыссагау æнцондæрæй кæй дзурынц, уымæн æмæ сæм информаци фылдæр цæуы уырыссаг æвзагыл.
Афтæ ма радио Sputnik интервью радта Цхинвалы 12-æм сывæллæтты цæхæрадоны сæргълæууæг Коцты Нуну.
"Фæстаг азты сабиты дзырд фæивта хуыздæрæрдæм. Дзурынц куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр", - радзырдта Коцты Нуну.
Сывæллæтты цæхæрадоны сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, уый баст у, 2013 азы ист ирон æвзаг ахуыр кæныны программæмæ гæсгæ кæй райдыдтой кусын, уыйимæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ кæсут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.