Транскамыл сфӕлдӕхт хӕдтулгӕ: шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 фев – Sputnik. Транскавказы автомагистралы Хуыцъейы хъӕуы районы дыццӕджы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау.
Фӕсарӕйнаг маркӕйы хӕдтулгӕйы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын, уый фӕстиуӕгӕн хӕдтулгӕ рахызт фӕндагӕй ӕмӕ сфӕлдӕхт.
Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон хайады фехъусын кодтой, цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ кӕй нӕй.