Дзабиты Вячеслав: хæдзар самайынæн Хуссар Ирыстоны ис алыгъуызон æрмæджытæ

Sputnik
Хæдзар самайын тынг ахсжиаг хъуыддаг уыд кæддæриддæр. Нырыккон дуджы цас тыхтæ, æрмæджытæ æмæ фæрæзтæ бахъæудзæн хæдзар саразынæн, уый тыххæй бæстон дзуапп радта зонадон кусæг, экономист Дзабиты Вячеслав.
"Карантины рæстæджы амайæн æрмæджытæн сæ аргъ схызт 45%. Ныры рæстæджы алцыдæр ласгæ кæнæм, таможнæйы хъалон æмæ фæндаджы хардз лæууы 30% æрмæджыты аргъæй. Фæндаджы аргъ ма бафтауы иумæйаг аргъмæ ноджы 10%", - сбæрæг кодта экономист.
Цæмæй хæдзар амайыны хъуыддаг фæрогдæр уа, уый тыххæй ис дыууæ фæндаджы, бафиппайдта экономист. Фыццаг - хъалонæн йæ аргъ фæкъаддæр кæнын. Дыккаг уый, æмæ Хуссар Ирыстоны цы æрмæджытæ ис, уыдонæй пайда кæнын.
"Стандартон, 60 квадратон метры чи у, ахæм хæдзар цæмæй цары бын фæуа, фалейæ йæ аргъ слæудзæн 450 мин сомы æд кусæггаг. Цхинвалы цæмæй ахæм хæдзар саразай, уый тыххæй дæ бахъæудзæн 650 мин сомы", - загъта экономист.
Экономисты нымадмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны цы агуыридур аразынц, уымæй куы спайда кæнай, уæд арæзтад 500 мины сомæй фылдæр не слæудзæн. Æрмæждыты аргъ цы у, уымæн йе 'рдæг лæууы кусæггаг.
"Хъæдæрмæг нæхимæ ис, агуыридур дæр, змис æмæ дзæххор дæр. Кæд æмæ нæм профнастил нæй, уæддæр цар саразынæн бирæ æрмæджытæй спайдагæнæн ис, уыдон дæр фæлæудзысты фаг рæстæг", - загъта Дзабиты Вячеслав.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстон, 106.3 улæныл.