Хуссар Иры ӕрмхӕцджытӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрыгон ӕрмхӕцджытӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Джиоты Валерий.
Ерыстӕм раразмӕгонд фӕсивӕд иууылдӕр расгуыхтысты Цӕгат Ирыстоны фыццагады.

"Юниорты хсӕн стох кӕндзысты Уалыты Виктория, Дзигойты Стелла, Кокойты Дауыт ӕмӕ Джиоты Родион. Фӕсивӕды хсӕн Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты нӕ номдзыд уӕлахиздзаутӕ Сиукъаты Родион ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен", - загъта тренер.

Командӕ ерыстæм афӕндараст уыдзӕн къуырисӕры. Турнир уагъд цæудзæн уæрæсейаг горӕт Орелы ног къуыри.