Донбассӕй сывӕллӕттӕ бацыдысты скъоламӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) лигъдӕтты сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ ивгъуыд къуырийы кӕрон, дыццӕджы райдыдтой ахуыр кӕнын. Сӕ ахуыры бынатӕн равзӕрстой Цхинвалы ӕртыккӕгӕм скъола, кӕцы сарӕзтой фарон.
Хуссар Ирыстонмӕ ивгъуыд улӕфт бонты ӕрцыдысты Донецкы 42 ӕмбӕстаджы, уыдонӕй 24 сты 12 азы кары онг сывӕллӕттӕ. Лигъдӕтты бакодтой Цхинвалы уазӕгдӕттӕй иумӕ.
Донбассӕй сывӕллӕттӕ бацыдысты скъоламӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы
Цхинвалы администрацийы ахуырады хайады хистӕр Сиукъаты Ольга куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ горӕты экскурсийы рӕстӕджы федтой рӕсугъд скъола ӕмӕ сӕ бафӕндыд уым ахуыр кӕнын.
"Донбассӕй цы сывӕллӕттӕ ӕрцыдысты, уыдон иууылдӕр сты ацы скъолайы, ӕдӕппӕт сты 19. Ӕртӕ сабийы сты скъолайы агъоммӕ кары, фӕлӕ сӕ ныййарджыты нӕ бафӕндыд бакӕнын сӕ сабидӕттӕм", - банысан кодта Сиукъаты Ольга.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, скъолайы рюкзактимӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кодта парти "Иугонд Ирыстон", къӕнцылары ӕрмӕджытӕ та сын балхӕдта ахуырады дӕлхайад. Чингуыты комплект та сын радтой скъолайы.
Амӕйразмӕ Ахуырады министрады фехъусын кодтой, Донецкӕй сывӕллӕтты кӕй райсдзысты уӕлӕмхасӕн ахуырады уагдӕтты кружоктӕм: Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуанмӕ, Ӕвзонг техникты станнцмӕ ӕмӕ Ӕвзонг натуралистты станцмӕ.