Уалдзæджы фыццаг боны Ирыстоны нысан кæнынц диссаджы курдиатджын æмæ зындгонд гоймæгты райгуырæн бонтæ. Уыдонæй иу у Гуырдзыбеты Бласкæ. Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры лæмбынæгæй æрдзырдта литературæзонæг, Ирыстоны Фысджыты Цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.
Уый банысан кодта, Гуырдзыбеты Бласкæ кæй у ирон фысджытæн сæ фыццæгтæй иу. Фыста æрмæстдæр дыгурон диалектыл. Райгуырд Мæздæджы, хæрзчысылæй баззад сидзæрæй.
"Цæмæй фыстаид, уый тыххæй йæ бирæ ахуырад хъуыди, фæлæ, хъыгагæн, ахæм ахуырад нæ райста", - загъта литературæзонæг.
Бласкæйы сфæлдыстады сæйраг мотивтæ уыдысты монархизм, паддзахы политикæйы æндæвдад Кавказыл, адæмон уырнынад æмæ традицитыл иузæрдиондзинад, банысан кодта цæдисы æмсæрдар.
"Уый уыд æфсæддон лæг – офицер. Хъыгагæн, цæрынæй нæ бафсæст, бабын ис Японы хæсты 1905 азы", - радзырдта Хъазиты Мелитон.
Йæ уацмыстæй иу - "Æдули" - конд у дыууæ хаййæ. Равдыста дзы мæгуыртæ æмæ хъæздыджыты ᾿хсæн ахастытæ.
Бласкæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бæстондæрæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.