Эксперт: Гуырдзыйы нал фæнды Уæрæсеимæ ахастытæ халын

Sputnik
Уæрæсе Украинæйы уадзы демилитаризаци æмæ денацификацийы фæдыл сæрмагонд операци. Уый фæстиуæгæн Гуырдзыстоны аэропорты æрæмбырд сты дыууæ сæдæйы бæрц адæймаджы, кæцыты фæндыд ацæуын Украинæйы сæрыл тох кæнынмæ, фæлæ сæ бæстæйы хицауад нæ ауагъта.
Ацы цауы фæдыл йæ хъуыды загъта президенты администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Джуссойты Алан.
"Гуырдзыстоны хицауад уыцы хæстæ йæхимæ куы райстаид, уæд уый нысан кодта Уæрæсеимæ хæст", - банысан кодта Джуссойты Алан.
Эксперты хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны ныййарджытæ хъуамæ зæгъиккой бузныг сæ премьер-министр Иракли Гарибашвилийæн, уымæн æмæ сын сæ хъæбулты хæстæй аирвæзын кодта.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны, 106.3 fm.