Уæрæсе 21 февралы банымадта Донбассы республикæты хæдбардзинад, афтæ ма расидт Украинæйы ауадзын демилитаризаци æмæ денацификацийы нысанæн сæрмагонд операци. Уый фæстиуæгæн Америкæ æмæ Европæйы Цæдис ноджы карздæр санкцитæ расидтысты Уæрæсейы ныхмæ.
Гуырдзыстоны премьер-министр Иракли Гарибашвили загъта, зæгъгæ, сæ паддзахад нæу разы, Уæрæсейы ныхмæ цы санкцитæ расидтысты, уыдонимæ. Уыимæ иумæ ма гуырысходзинад равдыста Уæрæсейы ныхмæ Ныгуылæны паддзахадты санкциты эффективондзинады тыххæй. Ситуацийы тыххæй радио Sputnik эфиры бæстонæй радзырдта президенты администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Джуссойты Алан. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны уынаффæйæн санкциты тыххæй ис сæйраджыдæр экономикон бындур.
Уæрæсейы сæрмагонд операцийы фæстиуæг цы уыдзæн, уый тыххæй бæстондæрæй бакæсут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.