Куыд цӕрынц Донецкӕй лигъдӕттӕ Цхинвалы - къамтӕ

Сабаты Цхинвалмӕ ӕрцыдысты лигъдӕттӕ Донецкӕй. Хуссар Ирыстон ӕдӕппӕт райста 42 адӕймаджы, уыдонӕй 24 - сывӕллӕттӕ.
Sputnik
Сабитӕн ныридӕгӕн байуӕрстой ахуыр кӕнынӕн ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕг ӕмӕ сӕ сфидар кодтой Цхинвалы 3-ӕм скъоламӕ. Куыд цӕрынц лигъдӕттӕ ДАР столицӕйы уазӕгдӕттӕй иуы - Sputnik фотолентӕйы.
1 / 15

Донецкы цӕрӕг Инна Чегринская йӕ сывӕллӕттимӕ.

2 / 15

Лигъдӕтты ӕрцӕрын кодтой Цхинвалы уазӕгдӕттӕй иуы. Хӕрдзтӕ иууылдӕр йӕхимӕ райста Хуссар Иры хицауад.

3 / 15

Хӕстӕй фервӕзӕг адӕм балӕууыдысты кӕрӕдзи фарсмӕ.

4 / 15

Сывӕллӕттӕ ныв кӕнынц.

5 / 15

Донецкаг чысыл лӕппу йӕ мады хъӕбысы.

6 / 15

Александра Сергеева йе 'ртӕ сывӕллонимӕ. Уыдон цардысты горӕт Зугрэсы, ДАР скӕсӕйнаг хайы.

7 / 15

2016 азы Александрайы цардӕмбал фӕмард - уый райста уӕззау цӕф Донецкы ӕхсты фӕстиуӕгӕн.

8 / 15

Сывӕллӕттӕ ӕрӕмбырд вӕййынц иумӕйаг холлы ӕмӕ фӕхъазынц.

9 / 15

Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ лигъдӕттӕн хӕссынц дарӕс, хъазӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг дзаумӕттӕ.

10 / 15

Нана йӕ хъӕбулы хъӕбултимӕ.

11 / 15

Сабитӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитынц хъӕлдзӕгӕй.

12 / 15

Чысыл донецкаг чызг.

13 / 15

Хистӕр кары адӕм та сӕ цӕссыгтӕ нӕ уромынц.

14 / 15

Сывӕллӕттӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй сын ныридӕгӕн фӕзынд хӕлӕрттӕ Хуссар Иры.

15 / 15

Лида Гордиенко йӕ фырт Богданимӕ.