ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Транскавказы автомагистраль кусы хуымӕтӕг режимы, фӕлӕ Ручъы тоннелы дыууӕ фарс дӕр уары мит. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
Уагдоны куыд радзырдтой, афтӕмӕй трассӕйыл ӕхсӕвмӕ ӕруарыд 10 сантиметры бӕрц мит. Фӕндагон кусджытӕ ссыгъдӕг кодтой автомагистраль ӕмӕ дзы ныккалдтой реагенттӕ. УУМ ӕрсидтысты шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.