Хуссар Иры таможнӕйы бамбарын кодтой, куыд фидар цӕудзысты Цхинвалы баласты гӕххӕттытӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 мар фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ скусдзӕн Уӕрӕсейы таможнӕйы хайад, кӕцы бынаты фидар кӕндзӕн Уӕрӕсемӕ хӕдтулгӕты баласты гӕххӕтытӕ, фехъусын кодта Sputnik таможнӕйы комитеты сӕрдар Цхуырбаты Мурат.
Ӕрӕджы паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий фехъусын кодта, ӕввахс рӕстӕджы Уӕрӕсейы территоримӕ хӕдтулгӕты баласты документтӕ гӕнӕн кӕй уыдзӕн саразын Цхинвалы развӕлгъау.
"Фарстыл рагӕй цыд куыст. Уыд нын фембӕлд Хуссары Ирыстоны президентимӕ иумӕ нӕ уӕрӕсейӕг коллегӕтимӕ. Бантыст нын саразын бадзырдтӕ, цӕмӕй Уӕрӕсейы таможнӕ бакӕна Цхинвалы хайад", - загъта уагдоны хистӕр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕрӕсейаг специалисттӕ кусдзысты Цхинвалы таможнӕйы комитеты бӕстыхайы фыццаг уӕладзыджы.
"Нырма хайад фидар цӕуы. Иу мӕйы бӕрц бахъӕудзӕн, цӕмӕй скуса ӕмӕ ам бынаты лӕвӕрд цӕуой гӕххӕттытӕ. Документтӕн ӕмгъуыд уыдзӕн фондз боны", - бафтыдта Цхуырбаты Мурат.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕй дарддӕр ма ацы фарсты ис ӕндӕр ӕвӕрццаг ивындзинӕдтӕ.
"Ныр хӕдтулгӕйы баласты гӕххӕттытӕ дӕттынц иу азы ӕмгъуыдмӕ, стӕй ӕрвылмӕй арӕны сӕрты цӕуын ӕнӕмӕнг нал уыдзӕн", - балхынцъ кодта уый.