Цхинвайлаг боксертӕ ӕрхастой фондз майданы Минводтӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 мар фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксертӕ рамбылдтой фондз майданы Минводты турниры. Нӕ командӕйы хӕзнадоны ис ӕртӕ сызгъӕрин ӕмӕ дыууӕ ӕвзист хорзӕхы. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта боксы тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Ӕлборты Сослан (63кг) ссис ерысты уӕлахиздзау, ӕмсӕр ныхмӕлӕууӕг нӕ разынд Бабаты Станиславӕн (52кг), ерысты сызгъӕрин майданы хицау ма бацис Аджиты Владислав (40кг).
"Лӕппутӕ тох кодтой иттӕг хорз, фӕлӕ мах кӕдфӕндыдӕр тырнӕм ноджы хуыздӕр хатдзӕгтӕм. Алы ног ерыстӕй хӕсдзыстӕм ноджы фылдӕр майдантӕ. Алы турнир дӕр у спортсменты цӕттӕдзинады ӕмӕ тренеры куысты радон ӕвзарӕн", - загъта тренер.
Уый ма бафтыдта, фӕсарӕйнаг ерыстӕй дыууӕйӕ та ӕрхастой дыккаг бынӕттӕ - ӕвзист уӕлахиздзаутӕ та ссисты Садхъоты Олег (66кг) ӕмӕ Джиоты Дауыт (71кг).