Бибылты Анатолий фембӕлд каратисттимӕ, кӕцытӕ ӕнтыстджын архайд скодтой Цӕгат Иры ерысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд хуссарирыстойнаг спортсментимӕ, кӕцытӕ бацахстой дыккаг командон бынат Цӕгат Ирыстоны фыццагады ӕппӕтстилон каратэйӕ.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фембӕлды хайад райста президенты уынаффӕгӕнӕг Джиоты Руфин.
Бибылты Анатолий фембӕлд каратисттимӕ, кӕцытӕ ӕнтыстджын архайд скодтой Цӕгат Иры ерысты
Командӕйы тренер Дзабиты Артем загъта бузныг президентӕн соралон ӕмӕ материалон ӕххуысы тыххӕй.
Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта ӕвзонг спортсментӕн дарддӕр ӕнтыстытӕ, афтӕ ма сӕм ӕрсидт, цӕмӕй хорз ахуыр кӕной.
"Спорт нӕ вӕййы ӕнӕ фемблыдтӕй, фӕлӕ ахсджиаг у кӕронмӕ тох кӕнын. Сымах хъуамӕ хъусат уӕ тренермӕ, хуыздӕр кӕнат уӕ куырдиат, хорз ӕнтыстытӕ уын хъуамӕ уа ӕрмӕст спорт нӕ, фӕлӕ ахуыры дӕр", - загъта президент.
Паддзахады сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, республикӕйы къухдариуӕгад дарддӕр дӕр йӕ хъус дардзӕн спорты райрӕзтмӕ.