Куыд æмæ кæм саразæн ис хæдтулгæты баласт

Sputnik
1.45. Ног хабæрттæ
5.09. Хæдтулгæты рæстæгмæ баласты ног фæтк.
Хуссар Ирыстоны скусдзæн Уæрæсейы Федералон таможнæйы службæйы фадыг. Уым архайдзысты хæдтулгæтыл документтæ формæйыл скæнын, уыимæ иумæ рæстæгмæ баласты хъуыддæгтыл дæр архайдзысты.
Комментари: Цыхуырбаты Мурат - паддзахадон таможнæйы комитеты сæргълæууæг
14.39. Урсы къуыри Ирыстоны.
Уалдзæджы бæрæгбонтæм куы᾿ркæсæм, уæд ирон къæлиндары ис Урсы къуыри. Чырыстон дины уыцы къуыри хуыйны "сырная" кæнæ та "сыропустная". Стыр Комдарæны размæ цы къуыри вæййы, уый. Уæрæсейы уыцы бæрæгбон адæмы ̓хсæн хонынц Масленица. Алы ирон хæдзары дæр уæдмæ цæттæ уыдысты сæрмагондæй арæзт цыхт, нæлхæ æмæ æндæр урсаг.
Цавæр æгъдæуттæ ма уыд ирон хæдзары, цæмæй хицæн кæнынц Урсы къуыри æмæ Масленница æмæ æндæр цымыдисон хабæрттæ хъусут нæ эфиры.
Комментари: Хъуылымбегты Роберт - этнограф.
25.54. 3. Джиоты Жанна: Национ банк кусы штатон уагмæ гæсгæ.
Европæйы Цæдис Уæрæсейæн санкцитæ расидтысты æмæ уый бандæвта экономикæйыл. Уымæ гæсгæ, бирæ банктæн сæ авналæнтæ фæкъаддæр сты. Доллар æмæ евройы æргътæ дæр ивынц. Уæрæсейы адæм тыхсынц, се ᾿хцайы фæрæзтæ исынц банкоматтæй къухмæ. Хуссар Ирыстон дæр баст у Уæрæсейы банктимæ. Æмæ кæд уым афтæ стыхстысты адæм, уæд махмæ та куыд у хабар, уый фæдыл бадзырдтам Хуссар Ирыстоны национ банкы сæргълæууæгмæ.
Комментари: Джиоты Жанна - национ банкы сæргълæууæгмæ.