Хуссар Иры УУМ схорзӕхджын кодтой хисӕрмагонд сконды 8 марты цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт ауагъта хисӕрмагонд сконды цытджын ралӕуд Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Арфӕ кӕнын сылгоймӕгтӕн иууылдӕр сӕ бӕрӕгбоны цытӕн. УУМ кусӕг сылгоймӕгтӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы амонд, ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнтыстытӕ", - загъта Цоциты Азӕмӕт.
Министры уынаффӕмӕ гӕсгӕ, УУМ къорд кусӕг-сылгоймаджы хорзӕхджын ӕрцыдысты майдантӕ ӕмӕ республикӕйы парламенты кады грамотӕтӕй. Афтӕ ма цалдӕр кусӕджы райстой радон сӕрмагонд цинтӕ хорз куысты тыххӕй ӕмӕ бӕрӕгбоны цытӕн.