Транскамы бавналдзысты зӕйтӕ уадзынмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 мар фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндагыл сабаты райдайдзысты ӕхсын зӕйтӕ ӕрцӕуынӕй тӕссаг кӕм у, уыцы бынӕттӕ, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты радгӕсон службӕйы.

"Фӕндаг у ныр дӕр ӕхгӕд. Фӕлӕ ныр Транскамы митуард ӕрлӕууыд. Сӕрмагонд службӕтӕ абон бавналдзысты зӕйтӕ уадзынмӕ", - загътой уагдоны.

Уым ма бафтыдтой, автомагистралы фӕндагон змӕлдӕн кӕд байгом уыдзӕн, уый нырма бӕрӕг нӕу.
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн иунӕг фӕндаг у ӕхгӕд ныр ӕртыккаг бон