УУМ радзырдтой, кӕд бакӕндзысты Транскам

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 мар фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндаг бакӕндзысты хуыцаубоны, фехъусын кодтой Sputnik уӕлвӕткон уагдоны радгӕсон службӕйы.
Ныр цыппӕрӕм бон Ирыстоны цӕгат ӕмӕ хуссары хсӕн фӕндагон змӕлд у тобӕгонд. Арӕнвӕрдтӕ конд ӕрцыдысты стыр митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тасӕй.

"Цӕгаттаг порталы зӕй ӕрцӕуӕн бынӕттӕ фехстой, ныридӕгӕн фӕндагон службӕтӕ фӕуд кӕнынц трассӕ сыгъдӕг кӕнын куыстытӕ. Абон хъуамӕ Транскам бакӕной",- загътой уагдоны.

Уым ма бафтыдтой, фӕндаджы хуссар фарс дӕр у сыгъдӕг.