50 проценты онг: Цхинвалы ӕргътӕ "тӕхынц" уӕлӕмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕстаг бонты рӕзынц ӕргътӕ. Цхинвалы дуканиты зӕронд товар адӕм аскъӕфтой, ногӕй ӕрласгӕ хӕлцады ӕргъты ивындзинӕдтӕ та хизынц 50 проценты онг.
Sputnik бабӕрӕг кодта столицӕйы хӕлцад ӕмӕ цардуагон химийы дуканиты ӕргътӕ.
Цхинвалы ӕргътӕ "тӕхынц" уӕлӕмӕ
Цхинвалы егъау хӕлцадон дуканитӕй иуы радзырдтой, иууыл тынгдӕр кӕй фӕфылдӕр ис сӕкӕры ӕмӕ уыимӕ баст хӕлцады ӕргътӕ.
"10 килограммы сӕкӕр нӕм уыд 570 сомы, стӕй 720, ныр схызт 800, уыимӕ иумӕ хизы ӕндӕр адджинагы аргъ дӕр. Аннӕ хӕлцад уадиссаг нӕ фӕзынаргъ", - загътой дуканийы Sputnik дуканийы.
Цхинвалы цардуагон химийы дуканитӕй иуы уӕлтӕрхджытӕ раафтид сты. Дуканигӕс ӕмбарын кӕны, уыдон кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕргътӕ ӕрнывыл кӕнынмӕ.
"Прайс нӕм раппӕрстой, ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр нал зонӕм, цы бакӕнӕм. Пятигорскы ӕргътӕ махӕй сты уӕлдӕр. Уымӕ гӕсгӕ нӕм нырма сты зӕронд ӕргътӕ, уӕй кӕнӕм фӕстаг муртӕ", - загъта дуканий уӕйгӕнӕг Диана.
50 проценты онг: Цхинвалы ӕргътӕ "тӕхынц" уӕлӕмӕ
Ноджы ма иу цардуагон химийы егъау дукани Цхинвалы байдзаг кодта йӕ тӕрхджытӕ ног ӕрмӕгӕй. Йӕ хицауы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕргътӕ рӕзынц иууылдӕр, ӕгӕрыстӕмӕй, уӕрӕсейӕг рауагъдадты цы уадзынц, уыдон дӕр.
"40 проценты онг фӕфылдӕр сты иумӕйаг нымадӕй. Памперс ӕлхӕдтон 800 сомӕй, ныр 1200 сомӕй къаддӕр не 'ссардтон. Уӕрӕсейӕг рауагъдад бынтон нӕ бамбӕрстон, уыдонӕн ноджы тынгдӕр схызтысты сӕ ӕргътӕ", - радзырдта дуканийы хицау Арина.
Уый ма бафтыдта, фидӕны прогнозтӕ кӕй сты ноджы мӕгуыраудӕр.