Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ФХМ хистӕртӕ сидынц Гуырдзымӕ бӕстӕты суверенитет банымайыны фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий фембӕлд йӕ абхазаг коллегӕ Инал Ардзинбаимӕ кусӕгон балцы рӕстӕджы Абхазмӕ, кӕцы райдыдта 10 марты.
Хуссарирыстойнаг уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фембӕлды рӕстӕджы министртӕ ӕрдзырдтой дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ахастыты уавӕр ӕмӕ перспективӕтыл ӕмӕ хорз саргъ кодтой ӕхсӕнпаддзахадон дыууӕварсон ахастыты динамикӕйӕн.
Медойты Дмитрий ӕмӕ Инал Ардзинбайы фембӕлд
Фембӕлды кӕрон сарӕзтӕуыд иумӕйаг коммюнике, кӕцыйы фарсытӕ радон хатт ӕрсидтысты Гуырдзыстонмӕ, цӕмӕй банымайа Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы суверенитет.
"Хуссарирыстойнаг ӕмӕ Абхазаг Фарсытӕ тырнынц бафысссын Гуырдзыстонимӕ бадзырд тыхӕй ма пайда кӕныны фӕдыл", - дзырдӕуы документы.
ФХМ сӕргълӕуджытӕ равдыстой разыдзинад УФ архӕйдтытӕн Украинайы сӕрмагонд операцийы фӕдыл ӕмӕ ДАР ӕмӕ ЛАР суверенитет банымайыны фӕдыл.