Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Цхинвалы администрацийы кусджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий радта паддзахадон хорзӕхтӕ столицӕйы администрацийы кусджытӕн ацӕугӕ бӕрӕгбонты цытӕн – Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон ӕмӕ Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон. Уый тыххӕй майрӕмбоны хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Горӕты бирӕ ӕрцыд арӕзт, фӕткмӕ ӕркодтой скъолайы агъоммӕ ахуырадон уагдӕттӕ, егъау куыст цӕуы кӕртыты хӕрзарӕзтадӕн, скуыстой лифттӕ бирӕфатерон хӕдзӕртты, сцалцӕг кодтой фатертӕ, кӕцытӕ ныппырх сты 2008 азы. Уый у администрацийы куысты руаджы", - загъта президент.
Бибылты Анатолий радта мэрияйы кусджытӕн майдантӕ "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн", "Хуссар Ирыстоны адӕмы Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн", РХИ кады грамотӕтӕ ӕмӕ республикӕйы президенты бузныджы фыстӕджытӕ.
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Цхинвалы администрацийы кусджыты