Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 28 ног рынчыны коронавирусӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 – Sputnik, Хъуылыбегты Зӕлинӕ. Югосетпотребнадзор сбӕрӕг кодта 28 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ, фехъусын кодтой Sputnik майрӕмбоны санитарон уагдоны.
"Ивгъуыд суткӕйы нӕ лабораторийы сарӕзтой 100 тесты. Уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 28 иртӕсты. Медицинон хыгъдӕй систой 15 пациенты, дохтырты хъусдарды бын ма сты 75 рынчыны", - загътой уагдоны.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 13 990. Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 67 598 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 14 065 адӕймаджы.