Хуссар Иры йӕ цардӕй ахицӕн номдзыд профессор Гаглойты Юрий

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 88-аздзыдӕй йӕ цардӕй ахицӕн номдзыд историк, историон зонӕдты кандидат, профессор Гаглойты Юрий Сергейы фырт.
Уый йӕ цардӕй ахицӕн майрӕмбоны уӕззау низы фӕстӕ.
Гаглойты Юрий уыд Зонад-иртасӕн институты зонадон кусӕг, Хетӕгкаты Къостайы Паддзахадон премийы лауреат, Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт кусӕг, афтӕ ма уыд ХИПУ Ирыстон ӕмӕ Кавказы историйы кафедрӕйы хистӕр.
Гаглойты Юрий йӕ 80 азы юбилеймӕ райста ном "Цхинвалы кадджын ӕмбӕстаг" фыдыбӕстон историон зонӕдты райрӕзт ӕмӕ горӕт Цхинвалы истори сахуыр кӕнынмӕ егъау хайбавӕрды тыххӕй.