Цхинвалы аварийы бахъыгдард ис иу адӕймаг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы къуырисӕры райсомӕй ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау, кӕцыйы рӕстӕджы бахъыгдард ис иу адӕймаг, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы МХМ пресс-службӕйы.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, авари ӕрцыд 9:00 сахатмӕ ӕввахс Тӕболты Сергей ӕмӕ Юрий Лужковы уынгты алвӕндагыл.
"Хӕдтулгӕ LADA Priora шофыр, фӕндагон змӕлды фӕтк фехалгӕйӕ, нӕ радта фӕндаг аннӕ машинӕйӕн Toyota Land Cruiser ӕмӕ кӕрӕдзийыл сӕмбӕлдысты. Аварийы фӕстиуӕгӕн фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕ сфӕлдӕхт, йӕ шофыр та райста алыгъуызон буары цӕфтӕ. Уый фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ", - загътой уагдоны.
Ныртӕккӕ цауы бынаты кусынц Мидхъуыддӕгты министрады минӕвӕрттӕ.
Авари Цхинвалы