Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг рауагъта ног трек уырыссаг ӕвзагыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Мӕргъиты Лейла рауагъта ног зарӕг "На моей душе весна", фехъусын кодта Sputnik зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг.
Мӕргъиты Лейлайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, трек ныффыста ӕндӕр зарӕггӕнӕг Тыбылты Хетӕгимӕ, кӕцыимӕ йӕ дуэтӕй сӕххӕст кодтой.
"Зарӕг адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцыд – мах райдыдтой хонын ӕмгуыстадмӕ Ирыстонӕй ӕддейӕ. Трек фыст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны, ӕмӕ йӕ абон гӕнӕн ис ссарын алы музыкалон фӕзуатыл дӕр", - загъта уый.
Афтӕ ма Мӕргъиты Лейла бафтыдта, зӕгъгӕ, зарӕгыл систой клип дӕр, кӕцыйы релиз рацӕудзӕн фидӕн мӕй.
"Уымӕй дарддӕр мах бацӕттӕ кодтам ноджы иу клип "Небо" зарӕгыл, кӕцы мӕхӕдӕг ныффыстон", - бафтыдта уый.
Зарӕггӕнӕджы фидӕны нывӕзтыты ис Хуссар Ирыстоны апрелы ӕмбисы шоу-концерт ауадзын.
Мӕргъиты Лейла йӕ музыкалон карьерӕ райдыдта телепроект "Стъалыты ферддывд"-ӕй, цы ран бахӕццӕ дыккаг этапы онг. Хайад ма иста алыгъуызон конкурстӕ ӕмӕ фестивальты ӕмӕ-иу сӕ бацахста призон бынӕттӕ.