Хуссар Иры телеуынынад нысан кӕны йӕ бындурӕвӕрды бон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынад ӕртыццӕджы нысан кӕны йӕ бындурӕвӕрды бон. Дзыллон информацийы фӕрӕз сӕвзӕрд 28 азы размӕ.
Сӕ бӕрӕгбоны фӕдыл коллектив хорзӕхтӕ ӕмӕ арфӕтӕ райстой паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолийӕ.
"Бадзырдтам ифтонгад раивын ногдӕрӕй, цӕмӕй ахсджиаг архив, кӕцы у нӕ историйы ӕвдисӕндар, хъахъхъӕд ӕрцӕуа. ПТРК- йӕн уавӕртӕ ныр дӕр сты хуыздӕр, фӕлӕ уый дӕр нывыл нӕу", - ныффыста йӕ телеграмы президент.
Бибылты Анатолий ма ӕрсидт телеуынынады кусджытӕм, цӕмӕй уыдон фылдӕр хъусдард здахой республикӕйы цӕрджытӕм, кӕцытӕ размӕ кӕнынц Ирыстоны.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани у республикӕйы стырдӕр дзыллон информацийы фӕрӕзтӕй иу. 28 азы дӕргъы ам сфидар ис куыстхъом информацион службӕ ӕмӕ сӕрмагонд алӕвӕрдты редакци.
Хуссар Иры телеуынынад нысан кӕны йӕ бындурӕвӕрды бон