Специалисттӕ сног кодтой куыстытӕ Транскамыл, трассӕ нырма дӕр у ӕхгӕд – Хуссар Иры УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Специалисттӕ ӕртыццӕджы райсом сног кодтой куыстытӕ зӕйтӕ ӕруадзыны фӕдыл Транскамы, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.
"Фӕндаг у ӕхгӕд сӕрмагонд барамынды онг. Магистраль бакӕныны фӕдыл лӕмбынӕгдӕр информаци уыдзӕн боны дӕргъы", - бафтыдтой уагдоны.
Транскам сӕхгӕдтой 9 марты, тыхджын митуарды аххосӕй нӕ уыд сифтонг кӕнын фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад. Тобӕ ӕвӕрд ӕрцыд дыууӕрдӕм дӕр сӕрмагонд барамынды онг. Цыппӕрӕмӕй, 10 мартӕй, фӕндаг асыгъдӕг кӕнын нӕ бантыст мигъ ӕмӕ митуарды тыххӕй.