Транскам цыппæрæммæ нæ бакæндзæн - УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль ӕртыццӕджы нӕ байгом уыдзӕн, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службӕ.
Раздӕр уагдоны радзырдтой трассӕйыл уавӕры тыххӕй - фӕндаг ӕхгӕд у ныр къуырийӕ фылдӕр. Фӕндагон службӕтӕ ныридӕгӕн ӕрӕвнӕлдтой зӕйтӕ ӕхсынмӕ, фӕлӕ трассӕ кӕд байгом уыдзӕн, уый бӕрӕг нӕу.
Транскам сӕхгӕдтой 9 марты сӕрмагонд барамынды онг - тыхджын митуарды аххосӕй нӕ уыд сифтонг кӕнын фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад. Тобӕ ӕвӕрд ӕрцыд дыууӕрдӕм дӕр сӕрмагонд барамынды онг. Цыппӕрӕмӕй, 10 мартӕй, фӕндаг асыгъдӕг кӕнын нӕ бантыст мигъ ӕмӕ митуарды тыххӕй.