Транскамы сног кӕндзысты зӕйтӕ 'руадзыны куыстытӕ - Хуссар Иры УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 мар Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Специалисттӕ цыппӕрӕмы адарддӕр кӕндзысты зӕйтӕ ӕруыдзыны куыстытӕ Транскамыл, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ радгӕсон хайады.
"Ныридӕгӕн фӕндагыл мит нӕ уары - боныгъӕд фадат дӕтты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ куыстытӕ бакӕнынӕн", - бафтыдтой уагдоны.
Транскам сӕхгӕдтой 9 марты сӕрмагонд барамынды онг - тыхджын митуарды аххосӕй нӕ уыд сифтонг кӕнын фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад. Тобӕ ӕвӕрд ӕрцыд дыууӕрдӕм дӕр сӕрмагонд барамынды онг.