Ереды трагеди. Дыууӕ хъӕбулы мӕлӕт уайтагъд аскъуыдта ныййарджыты цард дӕр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. 1991 азы марты ӕмбисы Гӕджиты Дмитрийы бинонтыл ӕркодта тугуарӕн - йӕ дыууӕ фырты Таймураз ӕмӕ Гиви бахаудтой Ереды бӕллӕхы. Уый фӕстӕ ныййарджытӕ фӕд-фӕдыл зӕрдӕскъыд фесты, сӕ райгуырӕн хъӕу та Гуыдзыстон арты бын фӕкодта.
Гӕджиты Дмитрий ӕмӕ Сиукъаты Шура схъомыл кодтой дыууӕ фырты ӕмӕ фондз чызджы. Лӕппутӕй хистӕр Таймураз ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты уыд бинонты хицау. Фыдбылызджын фӕндагыл уыцы бон йемӕ уыд йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Гиви, йе 'мкъай Дзабиты Марина ӕмӕ сӕ зӕнӕг - Милена, Зӕринӕ ӕмӕ Дима.
"Мӕхӕдӕг уыцы рӕстӕджы хуыссыдтӕн Дзӕуджыхъӕуы рынчындоны. Мӕ чындз сӕ куыд мысы, афтӕмӕй нӕлгоймӕгты куы хизын кодтой хӕдтулгӕтӕй, уӕд уал фыццаг рахызт Гиви, уый ӕвзонгдӕр уыд. Таймураз та ӕвӕццӕгӕн бӕллӕх бамбӕрста, ӕнӕдзургӕйӕ ахызт, ӕрмӕст ма хӕрзбоны цӕстӕнгасӕй йӕ бинонтыл йӕ цӕст ахаста. Йӕ чысыл лӕппу Дима уыд нырма хъӕбысы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ уынӕг нал уыд", - дзуры ӕдзард ӕфсымӕрты хо Гӕджиты Нанули.
Йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Гивийӕн ничи баззад - ӕвзонг лӕппуйӕн ус ракурын дӕр нӕ бантыст, цыд ыл ӕрмӕстдӕр 21 азы.
Хуссар Иры сӕнусон кӕндзысты Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Бӕлццӕтты - 12 нӕлгоймаджы - хъысмӕт ӕбӕлвырд уыд дыууӕ аз ӕмӕ авд мӕйы дӕргъы. Се 'ввахс адӕм ма цардысты ныфсытӕй.
"Мах цардыстӕм Земочерейы хъӕуы. Ме 'фсымӕрты куы рцахстой гуырдзиӕгтӕ, уӕд нӕ ныййарджыты уайтагъд сӕ маст ахордта. Фыд фынгыл бадт. "Ех, мӕ хъӕбултӕ кӕм сты цыма?" - афтӕ зӕгъын ма бафӕрӕзта, стӕй ахауд ӕмӕ афтӕ амард. Мад дӕр бирӕ нал рацард. Нӕ хъӕуыл та арт бафтыдтой ӕмӕ мӕм мӕ бинонты къамтӕй дӕр рӕстмӕ ницыуал баззад", - мысы Гӕджиты Нанули.
Сылгоймаг ныридӕгӕн кусы Сатихъары скъолайы, амоны физикӕ. Марты мӕй куы ӕрлӕууы, уӕд та уыцы уӕззау мысинӕгтӕ йӕ зӕрдӕйыл ноджы тынгдӕр ӕрхъула кӕнынц.