"Хæсдзæн стыр пайда": Къуайсайы шахтæйы раздæры кусæг æрзæткъахæн сæндидзын кæныны тыххæй

Sputnik
Хуссар Ирыстоны бафыст ӕрцыд бадзырд, кӕцы рагхыгъд кӕны Къуайсайы ӕрзӕткъахӕнты сӕндидзын кӕнын. Шахтӕ скусын кӕныны ахсджиагдзинады тыххæй Sputnik йæ хъуыды загъта йӕ раздӕры кусӕг Зассеты Борис.
Уый банысан кодта, зæгъгæ, бирӕтӕ дзурынц, куыстуат кӕй уыдзӕн экологийӕн зианхӕссӕг, фӕлӕ йӕхмдӕг разы нӕу ацы хъуыдыимӕ.
"Фӕкуыстон дзы 24 азы ӕмӕ никуы фӕрынчын дӕн, афтӕ ме 'мкусджытӕ дӕр ", - загъта кодта Зассеты Борис.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, æрзæткъахæнтæ куы скусын кæной, уæд паддзахадæн уыдзæн тынг пайда, адæмæн дæр фæзындзæн куысты бынæттæ.
"Советон Цæдисы рæстæджы бирæ заводтæм æрвыстам не 'рмæг. Цинк æмæ здыйæ алыран дæр спайда кæнæн ис, æфсæддон хъуыддаджы дæр. Уымæй дарддæр дзы истам æвзист дæр", - банысан кодта шахтæйы раздæры кусæг.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 улæныл.