Хуссар Иры ацыд автозгъорд Украинайы сӕрмагонд операциимӕ разыдзинады фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 мар - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ацыд акци ӕфсӕддонты фарс балӕууынӕн, кӕцытӕ хайад исынц Уӕрӕсейы ӕфсӕддон операцийы Украинайы. Автозгъорды хайад райстой дӕсгай хӕдтулгӕтӕ, кӕцытыл уыд дамгъӕтӕ V ӕмӕ Z. Шофыртӕ ӕмӕ пассажирты къухты уыд Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе, Абхаз, ДАР ӕмӕ ЛАР тырысатӕ, афтӕ ма Уӕлахизы Тырыса дӕр.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ацыд акци ӕфсӕддонты фарс балӕууынӕн
Акци райдыдта райсом Цхинвалы Театралон фӕзуатыл. Уым хӕдтулгӕтӕ слӕууыдысты V ӕмӕ Z дамгъӕты хуызы, уый фӕстӕ ацыдысты автозгъорды республикӕйы столицӕ ӕмӕ районтыл.
Акцийы организатортӕй иу Тедеты Ян куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ӕрӕмбырдуӕвджытӕ равдыстой разыдзинад Уӕрӕсейы политикӕ ӕмӕ алкӕмӕндӕр, кӕцытӕ тох кӕнынц националисттимӕ – ирӕттӕ, уырыссӕгтӕ, цӕцӕйнӕгтӕ, дагестайнӕгтӕн.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ацыд акци ӕфсӕддонты фарс балӕууынӕн
"Уыдон иууылдӕр сты фыдтӕ, хъӕбултӕ, ӕфсымӕртӕ. Уый фӕдыл мах балӕууыдыстӕм сӕ фарс. Мах иууылдӕр цӕттӕ стӕм ацӕуын Украинамӕ куы бахъӕуа, уӕд", - банысан кодта Тедеты Ян.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, автозгъорды хайадисджытӕ ацӕудзысты Цхинвалы уынгтыл, уый фӕстӕ та Знауыр ӕмӕ Дзаумӕ.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ацыд акци ӕфсӕддонты фарс балӕууынӕн
"Мах фӕндыд ацӕуын Къуайса ӕмӕ Ленингормӕ дӕр, фӕлӕ хӕдтулгӕ ӕгӕр бирӕ сты, фӕндаг та ӕвзӕр уавӕры ис", - банысан кодта организатор.
УФ Хъахъхъӕнынады министрад куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй "Z" дамгъӕйы нысаниуӕг у "За победу", "V" дамгъӕйы та "Сила V (в) правде". "V" дамгъӕйы ноджы иу нысаниуӕг ма у "V" –"Задача будет Vыполнена".
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ацыд акци ӕфсӕддонты фарс балӕууынӕн