Ирон боксер ссис Уӕрӕсейы чемпион профессионалты хсӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирон профессионалон боксер Хуыгаты Алан ссис Уӕрӕсӕйы чемпион 10 раундон тох рамбулгӕйӕ, фехъусын кодта йӕ тренер Сланты Виталий.
Не 'мзӕххон расгуыхт фыццаг астӕуккаг уӕзы.
"Хуыгаты Алан ауагъта уынинаг тох ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕсраундон тохы Мӕскуыйы. Уый хыгъд у Уӕрӕсейы чемпион профессионалты хсӕн", - ныффыста йӕ фарсыл социалон хызӕгты тренер Сланты Виталий.
Хуыгаты Алан нырма иу хатт дӕр никуы фӕхӕрд. Уый архайы боксерон клуб "Ариана"-йы УФ сгуыхт тренер Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын.