Транскамыл фӕндагон змӕлд ногӕй сӕхгӕдтой ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Транскавсказаг автомагитсралыл фӕндагон змӕлд ӕхгӕд у 10.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй хӕхты ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас.
Транскам сӕхгӕдтой зӕйты ӕрцыды аххосӕй къуырисӕры, 21 марты. Уый фӕстӕ фӕндагон змӕлд-иу сног кодтой алы ӕхсӕв дӕр.
Уый размӕ Транскам ӕхгӕд уыд тыхджын митуарды тыххӕй Ирыстоны хӕхты. Иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ, сӕхгӕдтой 9 марты. Фӕндагон змӕлдыл тобӕ систой 17 марты.