ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы "Мӕскуыйаг" микрорайоны цӕрджытӕ ногӕй хъаст кӕнынц фӕндаджы уавӕрыл, кӕцы цӕуы дыууӕ сабидон ӕмӕ скъоламӕ.
Ӕрвылрайсом сывӕллӕттӕ ӕмӕ ныййарджытӕн ацы фӕндаг ӕвзарын кӕны ӕцӕг зындзинӕдтӕ.
Цхинвалы цӕгаттаг кӕроны микрорайон ӕнӕмӕнгхъӕугӕ инфраструктурӕимӕ арӕзт ӕрцыд 2008 азы Гуырдзыстоны агрессийы фӕстӕ Мӕскуыйы хицауады хӕрдзтӕй. Районы сарӕзтой асфальт фӕндаг, хӕрзарӕзт ӕрцыдысты хӕдзӕртты кӕртытӕ, фӕлӕ фӕндӕгтӕ тагъд райдыдтой хӕлын.
"Мӕскуыйаг" микрорайон
© Sputnik / Natalia Airiyan
Микрорайоны цӕрджытӕ уӕды президент Тыбылты Леонидимӕ куы фембӕлдысты ӕмӕ йын загътой проблемӕйы тыххӕй, уӕд фӕндаг хӕрзарӕзт ӕрцыд. Фӕлӕ та бирӕйы фаг нӕ уыд.
"Уым уыййас хӕдтулгӕтӕ цӕуы ӕрвылбон, ӕмӕ фӕндаг хъӕуы иу хатт иттӕг хорз сцалцӕг кӕнын. Ахӕм егъау фӕрӕзтӕ йын хъӕуы? Уый иунӕг фадыг нӕу горӕты, кӕцы хъӕуы сцалцӕг кӕнын, фӕлӕ уый у иунӕг фадыг, кӕцыйы ис бирӕнымӕц ахуырадон уагдӕттӕ", - радзырдта микрорайоны цӕрӕг Мӕдинӕ, кӕцыйы сывӕллӕттӕ ам цӕуынц скъола ӕмӕ сабидонмӕ.
"Мӕскуыйаг" микрорайон
© Sputnik / Natalia Airiyan
Февралы фӕндаг расыгъдӕг кодтой ӕмӕ дзы ныккалдтой хуыр. Фӕлӕ шофырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фӕстӕ уавӕр ноджы февзӕрдӕр.
"Ахӕм "цалцӕгтӕ" бирӕйы фаг не сты, сӕйраджыдӕр, зымӕгон период. Фӕндаг тагъд фехӕлд ӕмӕ ноджы февзӕрдӕр", - дзуры Эльбрус.
Горӕты администрацийы ныфс дӕттынц, фӕндаджы цалцӕг кӕй ис боны фӕткы, ӕмӕ цӕттӕ цӕуы сметон документаци, цӕмӕй райсой ӕнӕмӕнгхъӕугӕ фӕрӕзтӕ. Фӕлӕ столицӕйы къухдариуӕгад нӕ банысан кодта, кӕд райдайдзысты куыстытӕ.
"Сметон документацийыл куыст цӕуы. Уый фӕстӕ цӕттӕ документтӕ бадӕтдзысты финансон фӕрӕзтӕ райсынмӕ. Уымӕн бахъӕудзӕн рӕстӕг", - загътой Цхинвалы администрацийы пресс-службӕйы.
"Мӕскуыйаг" микрорайон
© Sputnik / Natalia Airiyan