Транскамыл фӕндагон змӕлд бакӕндзысты ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй – УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Транскамыл бакӕндзысты фӕндагон змӕлд майрӕмбоны ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Транскавказаг автомагистралы фӕндагон змӕлд сног кӕндзысты 18.00 сахатӕй транспорты алы хуызӕн дӕр, ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
УУМ сидынц шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын республикӕйы хӕххон районты скъӕргӕйӕ.
Транскам сӕхгӕдтой 21 марты тыхджын митуарды аххосӕй, кӕцы ӕркодта зӕйты ӕрцыдмӕ. Къуырисӕрӕй трассӕ-иу бакодтой ӕрмӕстдӕр ӕхсӕвы.