Транскамы уары мит, фӕлӕ трассӕ кусы ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн автомагистралыл нӕ лӕууы митуард, фӕлӕ трассӕ кусы хуымӕтӕг режимы, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службӕйы.
Зӕйты ӕрцӕуыны тасӕй ивгъуыд къуыри трассӕйы фӕндагон змӕлдыл цалдӕр хатт бакодтой тобӕ.

"Транскавказы автомагистралыл Кавказы хохӕфцӕджы дыууӕ фарс дӕр уары мит, фӕлӕ трассӕ кусы ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй",- загътой уагдоны.

Уым ма банысан кодтой, фӕндаджы сӕхгӕды тыххӕй нырма информаци нӕй.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн.