Кабелон интернеты куыст аскъуыд Хуссар Иры тыхдымгӕйы аххосӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕппӕт территорийыл ӕвзӕр боныгъӕды аххосӕй йӕ куыст фӕкъуыхцы ис кабелон интернетӕн. "Юг-телеком"-ы куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй Интернет-провайдер йӕ куыст срӕвдз кӕндзӕн цыбыр ӕмгъуыдмӕ.

"Ӕппӕт республикӕйы ахицӕн ис интернет. Нӕ линийыл ӕрцыд авари. Ныридӕгӕн ыл архайынц. Ӕрдӕг сахатмӕ хъуамӕ сӕндидза йӕ куыст", - загъта "Юг-телеком"-ы кусӕг Кокойты Чермен.

Къуырисӕры Хуссар Ирыстоны сыстад тыхдымгӕ, ӕруарыд мит.
Тыхдымгӕ Цхинвалы систа бирӕуӕладзыгон хӕдзары агъуысты хай