Тыхдымгӕ Цхинвалы систа бирӕуӕладзыгон хӕдзары агъуысты хай

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Гафезы уынгыл бирӕуӕладзыгон хӕдзары агъуысты фылдӕр хай систа тыхдымгӕ, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны ӕвзӕр боныгъӕд къуырисӕры ноджы фӕкарздӕр, митуардмӕ бафтыд хъызт.

"Гафезы уынджы 13 бирӕуӕладзыгон хӕдзары агъуыстӕн йе 'мбисӕй фылдӕр систа. Йӕ быны фесты дыууӕ хӕдтулгӕйы. Бынаты кусынц нӕ бригадӕтӕ", - загъта уагдоны пресс-секретарь Хъуылымбегты Виктория.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсӕ, цауы рӕстӕджы зианбаййафджытӕ нӕй, ӕрмӕст зиан ӕрхаста хӕдтулгӕтӕн.